Гиорги Гахариа - хæсджын стæм, бузныг зæгъын дохтыртæн, арæнхъахъхъæджытæн æмæ таможнæйы гæстæн
Æхсæнадæмон æнæнизхъахъхъæды организаци, эффективонæй æмæ бæрзонд æмвæзады аргъ скодта Гуырдзыстоны хицауады æмæ фыццаджы дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæнизхъахъхъæды министрады архæйдтæн вирусы ныхмæ тохы æрдгæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый зæгъæ æрмæст ныхæстæ не сты, фæлæ у фæстиуæг, кæцымæ Гуырдзыстон абоны боны уавæрæй æрцыдис.
«Фæлæ, алчи йæ зæрдыл хъуамæ дара, цæмæй ай у глобалон расидт æмæ мах ма уæнгуагъд ма хъуа мæ уæм, ма хъуамæ фæуадзæм процесс иу уысммæ дæр æмæ ноджы хъуамæ фæфылдæр кæнæм иумæйаг тыхархайды эффективондзинад», – райхъусын кодта премьер.
Афтæма, Гиорги Гахариа раарфæ кодта дохтыртæн, арæнхъахъхъæнджытæн æмæ таможнæйы гæстæн.
«Ноджы иу хатт мæ фæнды хаххгондæй банысан кæнын, цæмæй хæсджын стæм, бузныг зæгъæм дохтыртæн, арæнхъахъхъæджытæн, таможнæйы гæстæн, æмæ уый хъуамæ кæнæм кæддæриддæр, цалынмæ ацы быцæусидт кæронмæ нæ абырсдзыстæм, уæдмæ», – райхъусын кодта премьер-министр.