Гиорги Гахариа - хæдбар механизмы объективондзинад у лакмусы гæххæта, кæцыйыл хъуамæ æнцой уа йæ эффективондзинад
Мидхъуыддæгты министрад иунысанонæй райгонд у ахæм типы иуæймаг фæдæвзарæг механизмы саразынæй – уый фæдыл райхъусын кодта мидхъуыддæгты минстр Гиорги Гахариа.
«Уый логиконæй фидауы уыцы реформæтæм æмæ плæнттæм кæцытæ махмæ ис министрадмæ гæсгæ. Мах нæ уынæм рискъ уыцы аргъдзинæдтæм гшæсгæ, кæцыйы æрфидар кæнын хъавæм мидхъуыддæгты министрады.
Фæстагмæйты дæргъы нын уыд цалдæр цау, кæцы рæстæджы дæо хæдбар фæдæвзарæг механизм уыдаит иттæг хорз инструмент, уымæн æмæ мидхъуыддæгты министрадæн уыдаит бирæ эффективондæр коммуникаци дзыллæимæ.
Ахæм инструменты конституционалон æмæ структурон хæдбардзинад у абсолютон райсинаг æмæ хъуыды кæнæм, цæмæй не рдыгæй уыдзæн максималон тыхархайд, цæмæй ахæм институт баххуыс кæна куыд мидхъуыддæгты министрадæн мидæгон процессты хъæд фæхуыздæры, афтæдæр æхсæнадимæ бæрзон æуæнкы райсыны. Ноджы иу хатт банысан кæндзынæн, цæмæй райгонд стæм ахæм механизмы саразынæй, æмæ не рдыгæй бæлвырд кæнæм æмкуысткæнынадмæ цæттæдзинад» – расидтис Гиорги Гахариа.