Гиорги Гахариа – Энергохæдбарад критиконæй нысаниуæгджын у, абон кæсæм ног закондæттæн инициативæ, кæцы фæнысангонд базары ног æргом æмæ конкурентхъомдæр скæндзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы дзырдæй, зæгъгæ хицауад абоны рабадтыл цалдæр экономикон фарст кæсы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаджы дæр дзырдæуы энергетикæйы фæдыл.
«Куыд æй зонут, афтæмæй, энергоæдасдзинад æмæ энергохæдбарад махæн критиконæй нысаниуæгджын у. Афтæдæр зондзыстут уый дæр, цæмæй бæрæг куылымпыдзинæдтæ уыд гидроэлектростанцæты арæзтадмæ гæсгæ, æндæр æмæ æндæр аххосæй.
Абон рахæсдзыстæм ног закондæттæн инициативæ, кæцы фæнысангонд базары ног æргом æмæ конкурентхъомдæр скæндзæн, кæцы «Филлинг премиумы» принципыл уыдзæн бындурæвæрд, коммерцион цæстæнгасæй инвестортæн уыдзæн фылдæр зæрдæмæдзæугæ, цæмæй сæ инвестицитæ уа эффективон, цырд, кæцы сифтонг кæндзæн бæстæйы энергохæдбарады бæрзонд гъæд», – банысан кодта Гиорги Гахариа.