Гиорги Гахариа – Экономикæй рдгæй нæм ницы æнтыст уыдзæн, наудзогы професси ацы бæстæйы, сегасдæр аргъуыцаг куы нæ скæнæм уæд
Сымах куы нæ уаиккат, уæд æнæхъæн дуне ныллæууыдаит, – ацы ныхæстæй баздæхт Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа наудзогтæм Батумы, наудзогты æхсæнадæмон бонмæ нывонд мадзалыл.
Гахариа наудзогтæн раарфæ кодта профессион бон.
«Арфæ уын кæнын денджызы цæуджыты æхсæнадæмон бон. Абон сæрмагондæй нысаниуæгджын у, уымæн æмæ ацы глобалон пандемийы уавæрты, зондзыстут æй, цæмæй æхсæнадæмон базарады 90%-æй фылдæр у денджызыл уаргъты ласыны фæрцы. Сымах куы нæ уаиккат, уæд æнæхъæн дуне ныллæууыдаит, экономикæ ныллæуыдаит. Уый тынг дзæбæх æмбарæм æмæ мæ фæнды уæлдай дæр абон, ацы кризисы рæстæджы уын, ацы бæрæгбон раарфæ кæнон», – райхъусын кодта Гахариа.
Премьеры дзырдæй, Гуырдзыстонæн абон 12 000-æй фылдæр наудзог ис, кæцытæ æндæр æмæ æндæр бæстæты тырысаты бын кусын сæрмагонд бæстæйæн, базарады æмæ денджызы цыд рапарахат кæнынæн.
«Алкæцы адæймаг, чидæриддæр ныр денджызы ис, фæнд мæ ацы бон сын раарфæ кæнын. Мæ зæрдæ сын зæгъы хæдзармæ æнæнизæй æмæ фарнæй куыд æрыздæхой ахæм амонд. Гуырдзыстоны тыххæй куы зæгъæм – алчи хорз хъуамæ æмбарæм, цæмæй Сау Денджыз у ацы бæстæйы фидæн. Сау Денджыз у нæ амонд æмæ Сау Денджыз у нæ бæстæйы кулдуар. Экономикæйы æрдгæй нæм ницы æнтыст уыдзæн, кæд æмæ бæстæйы наудзогы професси не бауыдзæн иуæй-иу сегасдæр цытджын, хъъæугæ, наудзогы ахуырад бирæ бæрзонддæр хъуамæ скæнæм», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.