Гиорги Гахариа – искæмæн дискомфорт æрхæссын нæ куы бахъæуа, уæд хатыр ноджы иу хатт ракурдзыстæм
Кæд хатыр ракурын бахъæудзæн, кæд æнæмæнгхъæуæг суыдзæн искæмæн дискомфорт ракæнын, уæд ноджы иу хатт ракурдзыстæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа, фракци «Патриотты Альянсы» рабадтыл загхта.
Депутат, Гиорги Гахариайы фарста, цæмæн ракуырдта хатыр æхсæвы кълубты уагъд спецоперацийы фæстæ.
Гиорги Гахариа куыд банысан кодта афтæмæй, сæххæст специалон полицион мадзал уыд эффективон æмæ æнтыстджын, кæцы рæстæджы дæр цалдæр наркореализаторы æрцахстой.
«Ахст наркореализаторты бæрæг хай фæдагуырдимæ æмкуыс кæнынц æмæ тынг цымидисон æвдисæндзырдтæ кæнынц. Æз хатыр уыдонæй нæ куырдтон, æмæ хъавгæ дæр нæ кæнын æмæ сæ никуы ракурдзынæн. Специалон мадзæлтты уагъды процессы тыхбын баистæм сабырадон æвзонгтæн бæрæг дискомфорт бакæнын. Æрмæстдæр уый тыххæй ракуырдтон хатыр. Уым банысан кодтон, цæмæй никуы æмæ ничи сæмбонд кæндзæн полицийы æххæстбартæ, нæ дæр рæстæг æмæ нæдæр георгафионæй, кæд нæм уыдзæн бæлвырд инфоормаци, цæмæй ис бæрæг рискъ, не мбæстæгты цард кæнæ æнæниздзинадмæ тас бартъхъирæн кæна. Кæд хатыр ракурын бахъæудзæн, кæд нын искæмæн дискомфорт æрхæссын бахъæудзæн, уæд дзы хатыр ракурдзыстæм фæлæ нæ куыст уæддæр сæххæст кæндзыстæм» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.