Гиорги Гахариа – Гуырдзыстоны хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы номæй, стыр бузныг Евроцæдисæн, банымады, æууæнк æмæ партнерады тыххæй
«Цъæх зонæйы бæстæтæй» цы хонынц уыцы номхыгъдмæ Гуырдзыстон кæй бахастой уый у æнгом партнерады ноджы иу бæлвырдгæнæн, нысаниуæгджын æнтыст æмæ банымад уыцы æнтыстыты, кæцытæм Гуырдзыстон, йæ адæм æмæ хицауад æрцыдыстæм пандемийы ныхмæ тохы æрдгæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариайы фидиуæны мидæг дзырдæуы.
Гиорги Гахариа Гуырдзыстоны хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы номæй, арфæ кæны Евроцæдисæн нымадмæ райсты, æууæнк æмæ стратегион партнерады тыххæй
« Евроцæдис Гуырдзыстон бахаста уыцы 15 бæстæйы номхыгъдмæ, кæцытыл уæнг бæстæтæн арæнтæ фегом кæныны рекомендаци дæтты.
«Цъæх зонæйы бæстæтæй» цы хонынц уыцы номхыгъдмæ Гуырдзыстон кæй бахастой уый у æнгом партнерады ноджы иу бæлвырдгæнæн, нысаниуæгджын æнтыст æмæ банымад уыцы æнтыстыты, кæцытæм Гуырдзыстон, йæ адæм æмæ хицауад æрцыдыстæм пандемийы ныхмæ тохы æрдгæй.
Ныр та , комкоммæ Евроцæдисы уæнг паддзахадтимæ адарддæр кæндзыстæм активон консультацитæ, цæмæй Евроцæдисы æрдгæй публикацигонд вцы документмæ æмбæлгæйæ, координиргондæй, этапгай æмæ разыйæ бафæразæм æмбæстæгты æдасæй дыууæрдæм змæлд сифтонг кæнын.
Гуырдзыстоны хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы номæй, зæрдиагæй арфæ кæнын Евроцæдисæн банымады тыххæй, æууæнк æмæ стратегион партнерады тыххæй» – банысангонд у фидиуæны.