Гиорги Гахариа - Гуырдзыстоны хицауадæн приоритетон у бæстæйы транспортон æмæ логистикон хабæй фестын
Гуырдзыстоны хицауад райгонд у дунеон банкъимæ эффективон æмæ фæстиуæгджын æмгуыстадæй, кæцыйы фæлгæтты бæстæ нысаниуæгджын финансдзинад райста,- уый фæдыл премьер-министр, Гиорги Гахариа, Хуссар Кавказы дунеон банкъы регионалон директор Себастьян Молинэуимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, хицауады сæргълæууæг зæгъгæ бахахх кодта дунеон банкъы фарсхæцынад, кæцыйы фæрцы гæнæн баис бæстæйы инфораструктурæйы банкъаринагæй фæхуыздæр кæнын, афтæдæр, – нысаниуæгджын проектты сæххæст энергетикæйы, хъæууон хæдзарады сферæйы æмæ регионон æмæ муниципалон рæзынады æрдгæй. Премьеры фидиуæнæй, Гуырдызстоны хицауадæн приоритетон у бæстæйы транспортон æмæ логистикон хабæй фестын æмæ уый тыххæй дæр, регионалон нысаниуæгы проектты æрдæм стыр хъусдард ис.
Премьер-министр æмæ Дунеон банкъы регионон директор 2019-2022 азты партнерады фæлгæтты фæмкуысткæнынад фæарфдæрмæ цæттæдзинад равдыстой.