Гиорги Гахариа – Гуырдзыстоны юрисдикцийы дæлбар кæцыфæнды территорийыл, полицийы закъонон архайд сæмбонд кæнын нии сфæрæз кæндзæн
Ис бæрæг архайдтытæ арæн скæной полицийы архайды ареал – уый фæдыл мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа, парламенты ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Уый куыд банысан кодта афтæмæй, ничи нику сæмбонд кæндзæн полицийы закъонон архайд, Гуырдзыстоны юрисдикцийы уæвæг иунæг территорийыл дæр.
«Ис бæрæг архайдтæ, цæмæй сæмбонд кæной плицийы архайды ареал, темæтæ, гекографион барæнтæ, нæ зонын, кълубтæ æмæ æндæр æмæ æндæр хуызы сферæтæ. Ноджы иу хатт хаххгондæй мæ фæнды зæгъын, ничи никуы сфæрæз кæндзæн, полицийы закъонон архайд сæмбонд кæнын Гуырдзыстоны юрисдикимæ хуæг кæцыфæнды территорийыл. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, фæнды мæ алчидæр æмбарæм, цæмæй полицийы закъонон архайд, никуы сæмбонд уыдзæн æмæ никæцы ран» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Уый алы æмбæстагмæ æрсидтис, ахæм сенситивон темæтыл, цахæмдæр у окупацион хахх, арæн, фылдæр бæрнæй кæсæт сæ архайдтæм.
«Афтæдæр мæ фæнды хъусдард раздахын æмæ уæ алкæмæй, алы æмбæстагмæ баздæхон, сæрмагондæй ахæм сенситивон темæтыл, цахæмдæр у окупацион хахх, арæн, фылдæр бæрнæй кантрол кæнæм нæ архайдтæ. Уымæн æмæ бæстæйы æдасдзинад нæу иу скæцы социалон къорды интерес, бæстæйы æдасдзинад лæууы цыфæнды политикъон интерестæй бæрзонддæр. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, бæрзонд материтыл ныхасмæ куы æрывналæм, уæд цæй зæгъын æй хъæуы, объективон реалондзинад дæр хъуамæ дарæм нæ зæрдыл» – загъта ГИорги Гахариа парламенты.
Мидхъуыддæгты министрмæ, закъондæттæг оргæны, «министры сахаты» форматы хъусынц.