Гиорги Гахариа – Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграци раст бамбæрстой нæ партнертæ æмæ хæлар бæстæтæ
Фæнды мæ бузныг зæгъын æмæ арфæ ракæнын фæсарæн хуъыдлдæгты министрæн, æнтыстджын хайад райсын НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министериалы, кæцыйыл Гуырдзыстонæн иттæг нысаниуæгджын документ æрцыд ист æмæ ахсджиаг сигналтæ айзæлд, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа райхъусын кодта.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, ардыгæй сегасдæр нысаниуæгджын у НАТО-ы фидар æххуыс гом дуары политикæ адарддæр кæнынæн, кæцы нæ бæстæйæн принципонæй нысаниуæгджын у. Фæнды мæ раарфæ кæнын нæ хæлар бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæн, кæцытæ йæ фарс рахæцыдысты Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн, афтæма Гуырдзыстоны цæгататлантикон альянсмæ интеграцийы процессы фæарфдæрæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, практикон къахдзæфтæй æмæ плантæй баххуыс сты Гуырдзыстоны иргъæфхъомад стынг кæнынæн. Хорзæй зонут, уый нæ бæстæйæн сегасдæр ахсджиаг кæй у уый, уымæн æмæ ноджы иу бæлвырд гæнæн у, цæмæй Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграци раст бамбæрстой нæ партнертæ æмæ хæлар бæстæтæ æмæ разы сты уыйимæ», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.