Гиорги Гахариа – Гуырдзыстон уыдзæн фыццаг 18 бæстæйы номхыгъды, кæцытæ æввахс периоды райсдзысты «Pfizer» вакцинæ
Бирæ фæкуыстам æмæ мæ фæнды, бузныг зæгъын æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы къухдариуæггæнæгæн, сæрмагондæй, уымæн æмæ тынг æнгом коммуникаци нын уыд фæстаг иу мæйы дæргъы æмæ куыд фæстиуæг, нæ бон зæгъын у, цæмæй Гуырдзыстон уыдзæн уыцы фыццаг 18 бæстæйы æхсæн, кæцытæ æввахс фидæны райсдзысты «Пфайзеры» вакцинæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, вакцинæйы тыххæй журналисты фарсты дзуаппæн загъта.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй вакцинацийы националон планмæ æмбæлгæйæ, вакцинаци фыццаг ацæудзысты дохтыртæ.
Фæнды мæ алкæмæн зæгъын æмæ бауырнын кæнын, цæмæй нæ нысан у Гуырдзыстоны уа æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы æрдгæй нымад æмæ атворизацигонд вакцинæ, кæцы риск нæ хæссдзæнис нæ æмбæстæгтæн. Уый тыххæй иуы æрдгæй тынг хъавгæйæ стæм, фæлæ куыд æй уынут, афтæмæй бантыстис нын, уый æмæ Гуырдзыстон уыдзæн иуæй-иу фыццаг бæстæ, кæцы «Пфайзеры» вакцинæ райсдзæн æмæ нлджы иу хатт зæгъдзынæн, вакцинацийы националон планмæ гæсгæйæ, вакцинаци фыццæгтæ ацæудзысты дохтыртæ», – райхъусын кодта премьер.