Гиорги Гахариа генералон прокуратурæйы уыдис æрфарстыл - Цал хатты мæм фæдзурдзысты æмæ бахъæудзæн, уал хатт æрбацæудзынæн
Мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа генералон прокуратурæйы уыдис æрфарстыл.
Æрфарсты фæстæ министр журналисттæн куы райхъусын кодта афтæмæй, алы фарстыл ратта дзуапп.
«Æмбарут æй, цæмæй генералон прокуратурæ æвзары архайадон хайы фæуæлдай кæныны гæнæндзинад æмæ æнæхъæнæй ацы мадзал. Фарстытæ бирæ уыд. Уымæ æмбæлгæйæ, алы ацы фарстыл ме рдгæй дзуапп уыдис»- райзхусын кодта Гиорги Гахариа.
Афтæма мидхъуыддæгты министр куыд банысан кодта афтæмæй, цал хатты дæр зæгъгæ бахъæудзæн уал хатт бацæудзæн фæдæвзарæг уагдонмæ.
«Иу хатт куыд банысан кодтон афтæмæй, ноджы сфæлхатт кæндзынæн, цæмæй цал хатты мæм фæдзурдзысты æм цал хатты бахъæудзæн уал хатт бацæудзынæн. Æз мидхъуыддæгты мигнистрадæн, пъæлицæйæн ницы проблемæ у, уымæн æмæ тынг дзæбæх æмбарæм, кæм ис рæстдзинад. Мах ардæм æрбацæуæм æмæ ацы рæстдзинад дзурæм»- райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Генералон прокуратурæ фæдæвзарæн уадзы 20-21 июны Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы цур территорийыл уагъд акцийы хицæн хайадисджыты æрдæм, барадхъаххъæнджыты æрдгæй æххæстбарты гæнæн фæуæлдай кæныны фактыл.