Гиорги Гахариа – Финансты министрадмæ лæвæрд æрцыд конкретон бардзырд, алы æмбæстаг, кæмæдæриддæр хауы 300 ларийы бæрц иухаттон æххуыс, райстæ суммæ 30 декабры онг
Финансты министрадмæ лæвæрд æрцыд конкретон бардзырд, цæмæй алы уыцы æмбæстаг, кæмæндæриддæр хауы 300 ларийы бæрц иухаттон æххуыс, ацы суммæ райса 30-æм декабры онг – уы фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, æхсæнуагдонон координацион советы рабадты фæстæ райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй идентификаци æмæ алы бенефициары онг бацæуын зын уыдзæн, фæлæ паддзахадмæ, раззаг социалон æххуысы тынг дзæбæх базæ ис æмæ æххуысы исæг уæнгты идентификацийы æрдгæй, бизнесы æххуысы ныфс ис.
«Уый тыххæй цæмæй ай у фылдæр нысанон æмæ арæнгонд, дæнцæн, иухаттон 300 ларийы бæрц æххуыс, конкретон къабæзты минæвæрттæн, уый æнцон нæ уыдзæн. Растдæр уый тыххæй, нæ бизнесимæ зноны фембæлды рæстæджы компанитæй ракуырдтам, ацы хуъыддаджы æххуыс. Абоны финансты министрадмæ лæвæрд æрцыд конкретон бардзырд, цæмæй ацы иухаттон 300 ларийы бæрц æххуыс, алы уыцы æмбæстаг райсæт, кæмæдæриддæр фæнысангонд æххуыс хауы, æнæмæнгæй йæ райстæ 30 декабры онг. Уый у нæ нæысан, кæцыйы уырнæг дæн сыххæст кæндзыстæм» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.