Гиорги Гахариа фембæлд Гуырдзыстоны EUMM-ы ног къухдариуæггæнæгимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг миссийы (EUMM) ног къухдариуæггæнæгимæ, Марек Шчигелимæ фембæлд.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фарсытæ базонгæй равгы фембæлдыл фæныхас кодтой цæстдарæг миссийы, куыд бынатыл уæвæг иунæг æхсæнадæмон механизмы ролыл, регионалон æдасдзинады, бæстæйы стабилондзинады æмæ сабырдзинад æрфидары хъуыддаджы.
Афтæма сæ информацийæ, хъусдард здæхт æрцыд оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты афтæма оккупацион хаххы дæргъмæ æдасдзинады гуманитарон æмæ адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уæззау уавæрыл, ныхас уыд Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрцахсты фæстагрæстæгон цаутыл дæр.
«Фембæлды рæстæджы, бахахх кодтой галы æмæ Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты фембæлдты сног кæныны нысаниуæг æмæ Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты форматæй эффективон пайда кæныны æнæмæнгхъæудзинад. Ноджы ма иухатт банысан ис Гуырдзыстоны хицауады æнæфæцудгæ фæнд, конфтикты сабырæй аскуыддзаг кæныны æрдæм. Афтæма, сæрмагонд хъусдард здæхт æрпцыд оккупацигонд регионты а.х. ахизæн пунктты байгом кæныны нысаниуæг æмæ æнæмæнгхъæудзинады рдæм.
Марек Шчигел Гиорги Гахариаимæ фембæлдыл хаххгондæй банысан кодта, Гуырдзыстоны æнтыстджын тох «Ковид-19»-ы ныхмæ.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Лугари медицинон иртасæн лабораторийы куыст неымадмæ ист у Евроцæдисы уæнг бæстæты æхсæн. Хицауады администрацийы ацæугæ фембæлдыл уыд Националон æдасдзинады советы аппараты хистæр Кахабер Кемоклидзе» – хъусын кæнынц премьер-министры пресс-куысты.