Гиорги Гахариа – Фæнды мæ нæ бæстæйы алы æмбæстагæн раарфæ кæнын, чидæриддæр Рухс Куадзæн абон бæрæгбон кæнынц, æнæниз æмæ хъæлдзæг ут!
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Куадзæн арфæ кæны Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, чидæриддæр бæрæгбон 12 апрелы бæрæгбон кæнынц.
«Абон, Куадзæны Рухс бæрæгбон кæнынц, католикон аргъуан, Сомихыстоны апостолон аргъуан æмæ Евангелистон-Лютеранон аргъуантæ.
Ф æнды мæ раарфæ кæнын нæ бæстæйы алы æмбæстагæн, чидæриддæр Куадзæн абон бæрæгбон кæнынц – гуырдзиаг католиктæн, Сомихы Апостолон Аргъуаны Гуырдзыстоны Епархийæн æмæ нæ сомихаг æмбæстæгтæн, Гуырдзыстоны Евангелистон-Лютеранон аргъуанæн æмæ йæ фæдонтæн.
Арфæ уын кæнын, æнæниз æмæ хъæлдзæг куыд уат – уыцы амонд уын уæнт!
Уырнæг дæн, цæмæй ацы æппæтдунейон фыдæвзарæнæн æнæмæнгæй бафæраздзыстæм иумæйаг тыхархайдæй. «#დარჩითსახლში» – #НыллæуутХæдзары» – банысан кодта премьер-министр Гиорги Гахариа.