Гиорги Гахариа - Евроцæдисимæ интеграцийы процесс Гуырдызстонæн фылдæр фæстиуджытæ æрхæсдзæн
Йоханнес Ханнимæ фембæлдыл фæныхас кодтам ассоциацидзинады бадзырдыл, æппæтыæххæссæг бадзырды конкретон къахдзæфтыл, оккупацийыл æмæ демократизацийы процесс фæтыхджын кæныныл – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Европæйы сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы фарстаты еврокомисар Йоханнес Ханнимæ иумæйаг фидиуæнты рæстæджы райхъусын кодта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Евроцæдисимæ интеграцийы процесс Гуырдызстонæн бонæй бон фылдæр фæстиуджытæ æрхæсдзæн.
«Цæй зæгъын æй хъæуы фæныхас кодтам оккупацийыл, бузныг загътам евроæдисæн уыцы миæнварады тыххæй, уыцы функцийы тыххæй, кæцыйы уыдон æххæст кæнынц оккупацигонд фарсыл. Банысан кодтам цæмæй дыууæ дæр фарс, алцыппæт хъуамæ саразæм, цææмæй мандат адарддæр уа æппæт территорийыл, кæцы ахъаззаг хъуамæ уа æмбæстæгты базисон барты хъахъхæдæн æмæ сæ æдадсзинады сифтонг кæнынæн. Фæныхас кодтам афтæдæр бæстæйы демократизацийы процесс адарддæрыл æмæ æрныхас кодтам, цæмæй бæстæйы демократийы базисон функцитæ, сæ аргъдзинæдтæ хъахъхъæд уыдзысты æмæ ноджы фæарфдæр уыдзæн» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр.