Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Джо Байденæн арфæ кæны АИШ-ы президентæй суæвын.
Гиорги Гахариа «Твиттеры» официалон фарсы куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсы æмгуыстад стынг кæныны дарддæры этапмæ.
«Джо Байденæн арфæ кæнын АИШ-ы 46-æм президентæй суæвын. Арфæгæнæг стæм, АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады азты дæргъы уæ акæнæг ролы тыххæй. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм æмгуыстад стынг кæныны дарддæры этапмæ æмæ Дунейы демократи æмæ сæрибардзинад хъахъхъæдимæ» – банысан кодта Гиорги Гахариа.
Джо Байден президентон ард бахордта æмæ АИШ-ы 46 президентæй официалонæй ссис.