Гиорги Гахариа Цæк- бæстыхайы цур айтынггонд фæзындты фæдыл фидиуæн аразы
Мах знон федтам алыгъуызон бæрнæй æвдæлон оппозицийы радикалон хайы рдгæй æнæкоммæгæсдзинадмæ сидт, ЦÆК-ы бæстыхайы штурмæй бацахсыны архайд æмæ пъæлицæйæгты æмæ дохтырты æфхæрд – адæмы, кæцытыл æнцойæ абон ацы бæстæ лæууы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа æхсæнуагдонон координацион советы рабадтыл райхуъсын кодта.
Хицауады сæргълæууæг ЦÆК-ы цур знон айтынггонд фæзындты кой ракодта æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ уыдис паддзахадон институтты халынмæ комкоммæ сидт, цæуылдæр паддзахады реакци хъуамæ уа легитимон æмæ иттæг карз.
«Фæстаг бонты дæргъы, ам чи стæм, алчи, нæ æхсæнадимæ иумæ тох кæнæм иурæстæгонæй пандемиимæ, экономикон кризисимæ, регионы цæугæ хæстимæ æмæ архайæм, процессы дарддæр демократизацийы гъæд сбæрзонддæр кæнын. Адон хæппон ныхæстæ не сты. 31 октябры, пандемийы уавæрты, реалон риск куы уыдис уæд, Гуырдзыстоны æмбæстаг сыстад, рацыд æвзарæнон фадгуытæм æмæ схъæлæс кодта. Стæй ма афтæ бацыд æмæ уыдис глобалон пандемийы уавæрты Дунейы ауадзгæ æвзæрстыты рæстæджы иуæй-иу сегасдæр бæрзонддæр активондзинад æмæ 2016 азы æвзæрстыты активондзинадæй бæрзонддæр. Æндæр куы ницæй кой ракæнæм, уый бæрц нымæцы æмбæстаг бацыд, схъæлæс кодта æмæ загъта, цæмæй 9 партийæн дæтты мандат уый тыххæй, цæмæй ацы адæм парламентмæ бацæуа. Фактиконæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ нын алкæмæн, уыцы 9 партийæн дæр бахæс кодтой, бæстæмæ æркæсын, бæстæмæ базилын æмæ нын уый куы бахæс кодтой, цы зæгъын æй хъæуы, фыццаджы дæр сæ хъуыдыйы дарттой, пандемийы кой бакæнын, экномикон кризисы кой дам бакæнут æмæ уый æппæт афтæ, цæмæй бæстæйы дарддæр демократизацийы процесс ма фæлæууа. Ахæм уыдис сæ хæслæвæрд. Цы федтам знон? Знон федтам алыгъуызон бæрнæй æвдæлон оппозицийы радикалон хайы рдгæй æнæкоммæгæсдзинадмæ сидт, ЦÆК-ы бæстыхайы штурмæй сисыны архайд æмæ пъæлицæйæгты æмæ дохтырты æфхæрд – адæмы, кæцытыл æнцойæ абон ацы бæстæ лæууы æмæ æндæр æмæ æндæр æрдæм кризистимæ тох. Фактиконæй паддзахадон институтты халынмæ комкоммæ сидт уыдис. Иунысанонæй алчи хъуамæ æмбарæм æмæ уый нæу æрмæст барадхъахъхъæнæг системæйы рард – паддзахады реакци хъуамæ уа легитимон æмæ карз», – райхуъсын кодта премьер-министр.
Гиорги Гахариайы дзырдæй, зæгъгæ цыфæнды закъонсасты, тыхмидзинад æмæ тыхмидзинадмæ сидтæн, алцыппæт цыдæриддæр знон æрцыд, хъæуы барадон анализ æмæ ницы компромисс хъуамæ уа уый тыххæй, ома кæмыты уыдис уæлдайджын архæйдтæ, алцыппæтыл хзъуамæ уа афойнадон эффективон реакци.
«Æппæты фæстаг та, сабырдзинадæн æмæ демократийæн альтернативæ нæй. Алы процесс, кæцыйы уынгмæ рахæссыны фадат уыд знон, нæхи инициативæйæ æмæ нæ стратегион партнерты инициативæйæ æмæ сæ æххуысæй, æнæаргъæвгæйæ хъуамæ фæстæмæ рахæссæм барадон æмæ политикон платформæтæм. Бадзырдтæн альтернативæ нæй æмæ уый дзырдтам кæддæриддæр нæ стратегион партнертимæ иумæ æмæ ма нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй уый дæр нæ æвзæрстгæнджыты хæслæвæрд у махæн», – банысан кодта Гиорги Гахариа.