Гиорги Гахариа Брюссельмæ официалон визиты  фæлгæтты абон фембæлдзæн Йенс Столтенбергимæ
Гиорги Гахариа Брюссельмæ официалон визиты фæлгæтты абон фембæлдзæн Йенс Столтенбергимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа Брюсселмæ официалон  визит  абон райдайдзæн.

Хицауады  администрацийы  пресс-куысты информацийæ,   хицауады сæргълæууæгы рангы  Брюсселмæ  фыццаг официалон визиты фæлгæтты  Гиорги Гахариа  бæрзонд рангы фембæлдтæ  ауадздзæн  Еврокомиссийы, Европæйы  Советы, Европарламенты æмæ НАТО-йы  штаб-хæдзары.

Афтæма сæ информацийæ, 29   сентябры  премьер-министр НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенбергимæ  фембæлдзæн, кæцыйы  фæстиуæгæн   фарсытæ   иумæйаг  пресс-конференци  ауадздзысты.

«Дыууæбонон визиты  фæлгæтты, пълангонд сты фембæлдтæ  Европаг  Советы  президент  Шарль Мишелимæ, Еврокомиссийы  вице-президент  Маргаритис  Схинасимæ, Европарламенты президент  Давид-Мария Сасолиимæ, Евроцæдисы бæрзонддæр  минæваримæ æддагон æмæ  æдасдзинады политикæйы  фарстаты Жозеп Борелимæ, афтæма  еврокомиссартимæ  æмæ  европаламенты уæнгтимæ», –  дзырдæуы  информацийы.

Гуырдзыстоны делегацийы  сконды сты Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалиани  æмæ  хицауады  администрацийы   хистæр  Натиа Мезвришвили.

Гиорги Гахариайы  официалон визит Брюссельмæ фæуыдзæн 30-æм сентябры.