Гиорги Гахариа Андерс Фог Расмусенæн, Гуырдзыстоны евроатлантикон тырнынадæн фарсхæцыны тыххæй раарфæ кодта
Гуырдзыстоны европаг æмæ Евроатлантикон интеграци гуырдзиаг адæмы барæвзар у æмæ нæ хицауад ацы къурсы æмзæрдæ у, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар Андерс Фог Расмусенимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Расмусенæн, кæцы Тбилисы уæвы экономикон политикæйы иртасаг центры æмæ Маккейны институты организацигонд радæй фæндзæм æхсæнадæмон конференцийы фæлгæтты, хицауады сæргълæууæг раарфæ кодта Гуырдзыстоны Европаг æмæ евроатлантикон тырнынадæн фарс рахæцыны тыххæй.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, ныхас ахæссыд, цæгатататлантикъон альянсимæ æндæр æмæ æндæр æрдæм фæстиуæгджын æмкуысткæнынадмæ, сæ нымæцы Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады тыхты æмбынатиндзинад сбæрзонддæр кæнынмæ æмæ бæстæйы хæдиргъæфхъомад фæтыхджындæр кæныны æрдæм иумæйаг тыхархайдмæ.
НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар, Гуырдзыстоны æнтыстытæн æвæрццаг аргъ скодта æмæ банысан кодта, цæмæй фидæны дæр йæ фарс хæцдзæн Гуырдзыстонæн цæгат-атлантикон интеграцийы процессы.
Фембæлды рæстæджы, хъусдард здæхт æрцыд регионы æдадсзинады æрдгæй уæвæг уавæрмæ æмæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл сырæзт уæззау гуманитарон уавæрмæ. Премьер-министр конфликты сабырадон фæндагæй аскуыдздаг кæныны æмæ сабырадон политикæйы Гуырдзыстоны хицауады æмзæрдæ ахаст ноджы иу хатт сбæлвырд кодта.
Андерс Фог Расмусен Гиорги Гахариайæн премьер-министры пост бацахсын раарфæ кодта æмæ йын йæ куыcты æнтыстытæ ракуывдта.