Гиорги Гахариа – Алы уыцы адæймагы идентификаци скæндзыстæм, кæцытæ истой мызд æмæ фидинæгтæ фыстой, фæлæ сæ куыстбынат фесæфтой, мах уыдонæн дæр баххуыс кæндзыстæм
Туристон сферæйы архайæг субъектты æртæ мæййæ суæгъд кодтам уæлæмхасæн аргъы фидинагæй æмæ паддзахад цæттæ у, бахардз кæна 100 милуан лари сæ æххуысæн, фæлæ уый ныр æгъгъæд нал уыдзæн æмæ алчи дæр дзæбæх æмбарæм, цæмæй аы сектор æртæ мæймæ нæ сæндиддзæн. Мах тыхбын стæм реалон рæстæджы скуыддзæгтæ рахæссын, уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, телекомпани «Имедийы» эфиры райхъусын кодта.
«Бирæ хъауджыдæргонд аргълæвæрд фехъуыстон, фæлæ ахицæн кодам, цæмæй Гуырдзыстоны алы æмбæстаг, кæцы хардз кæны 200 квт-ы онг электроэнерги æмæ 200 кубон метры онг газ, 3 мæййæ æххæстæй ссæрибар уыдзæн коммуналолн фидинагæй. Уый æххæссы 1,2 милуан абонентмæ, æмтгæй райсгæйæ бæстæйы нын куы ис 1,8 милуан абонент уæд, ацы бæрæггæнæн у 2/3 хайæ фылдæр. Алцыппæт бафæлвардтам, азæм къахдзæф у социалон æххуысы сегасæй рæстагдæр амал» – банысан кодта премьер.
Гиорги Гахариайы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, идеалон зæгхъгæ ницы ис, аиппытæ алы цауы дæр вæййынц, æмæ ацы æрдæм куыст адарддæр уыдзæн.
«Арызт æрцыд программæ, кæцы алы цæсгомджын æмбæстагæн дæтты фадат, ацы æххуысыл нæзагъд ракæнын, кæд йын уый иттæг æнæмæнгхъæугæ нæу уæд æмæ ацы æххуысæй спайда кæндзысты æндæр адæймæгтæ. Ацы т емæйы тыххæй мæмæ фæдзырдтой адæймæгтæ, кæцытæ 200 киловатæй каддæр хардз кæнынц электроэнерги, фæлæ сæ ахæм æххуыс нæ хъæуы зæгъгæ. Ахæм æмуддзинадæй тынг райгонд дæн æмæ уый фадат ратдзыстæм нæ æмбæстæгтæн. Фæлæ уый æгъгъæд нæу æмæ нæ бахъæудзæн алы уыцы адæймагы идентификаци скæнын, кæцы иста мызд, фидинæгтæ фыста æмæ йæ куыстбынат фесæфта. Уыдонæн дæр баххуыс кæндзыстæм, уыцы хъуыддагыл кусæм æмæ ахæм æххуыс æнæмæнгæй уыдзæн» – банысан кодта Гиорги Гахариа.