Гиорги Гахариа АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитеты къухдариуæггæнæгимæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, Америкæйы Иугонд Штатты сенаты æддæ ахастыты комитеты аппараты къухдариуæгимæ фембæлды кой ракодта социалон хызаг «Твиттеры» официалон фарсыл.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй, зæгъгæ Кристофер Сочаимæ фембæлд уыд конструктивон.
«Уыдис мын кад АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитеты аппараты къухдариуæгимæ фембæлын. Æркастыстæм АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ евроаталантикон тырнынадтæн хъæддых æххуыс. Афтæдæр нæ стратегион партнерады фарстатæ. Уымæй уæлдай, уыдис нын конструктивон диалог Гуырдзыстоны демокративон институттæ фæтынгдæр кæныны æрдæм цæугæ амæлтты тыххæй», – фыссы Гиорги Гахариа «Твиттеры» официалон фарсыл.