Гиорги Гахариа – æрвылбойнонæй хъуамæ кусæм, цæмæй абхазæгтæ, гуырдзиæгтæ, алчи иумæ, цæрæм экономиконæй фидар, рæстаг, европаг, ахуыргонд паддзахады
Ацы хæсты уæлахизгонд нæй æмæ ацы хæст у трагеди мах алкæмæн дæр – абхазæгтæн дæр æмæ гуырдзиæгтæн дæр – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Сухумы басасты бонмæ гæсгæ загъта журналисттæн.
Гиорги Гахариа фæмардуæвæг хъайтарты мемориалмæ дидингуытæ бахаста. Хицауады сæргълæууæг Хъайтарты фæзыл уыд Тбилисы мэримæ æмæ хицауады уæнгтимæ иумæ.
«Абоны бон у тынг стыр рысты бон. Æмбарæм цæмæй уый уыд уæззау таргеди гуырдзиæгтæн æмæ абхазæгтæн дæр. Ацы хæсты уæлахизгонд нæй æмæ ацы хæст у трагеди мах алкæмæн дæр – абхазæгтæн дæр æмæ гуырдзиæгтæн дæр. Абон Гуырдзыстоны территориты 20% оккупацигонд сты æмæ уый тыххæй дæр, æрвылбойнонæй хъуамæ кусæм уый тыххæй цæмæй нæ хъæбултæн, абхазæгтимæ иумæ, абхазæгтæ æмæ гуырдзиæгтæ, алчи иумæ цæрæм экономиконæй фидар, рæстаг, европаг, ахуыргонд паддзахады. Уый у нæ хæс нæ хъæбулты раз æмæ уырнæг дæн, бантыстдзæн нын» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.