Гиорги Гахариа - æрныхас кодтам, цæмæй территорион æнæхъæндзинад, кæцыйæн йæ фарс хæцы Сомихыстон, махæн у иттæг нысаниуæгджын
Сабырдзинад æмæ æнцаддзинад сты сегасæй асхджиагдæр, цæмæй экономикæйыл концентрацигонд фарнæн, фылдæр фадæттæ раттæм нæ æмбæстæгтæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, Сомихыстоны перемьер-министр, Никол Пашинянимæ фембæлды фæстæ, иумæйаг фидиуæнты рæстæджы банысан кодта.
Гахариайы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны æхсæн хæлар ахастытæн бирæ æнусон историй ис æмæ ацы хæлардзинад хъуамæ ноджы фæарфдæр уа эффективондæр суа.
Премьер-министры фидиуæнæй, Никол Пашинянимæ фембæлды рæстæджы æркастысты базарадон æмæ экономикон ахастытæ, афтæдæр фæныхас кодтой транспорты æмæ энергохæсджыты сферæйы æмкуысткæнынады нысаниуæгыл.
Гуырдзыстоны премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ сомихаг коллегæимæ фембæлдыл афтæдæр æркастысты регионалон фарстатæ, уый нымæцы бахахх кодтой æхсæнадæмон платформæйыл кæрæдзийæн æххуысы нысаниуæг.
«Æрныхас кодтам, цæмæй территорион æнæхъæндзинад, кæцыйæн йæ фарс хæцы Сомихыстон, махæн критиконæй нысаниуæгджын у æмæ уый тыххæй бузныг сын загътам. Уыцы позитивон ивдтытæ, кæцытæ нын ис æхсæнадæмон платформæтыл фæстаг периоды кæрæдзийæн фарсхæцыны æрдгæй, хъуамæ фæтыхджындæр кæнæм. Стыр бузныг мæ коллегæйæн хъарм фысымдзинады тыххæй, æмæ ныфс разæгъин, цæмæй абоны фембæлд суыдзæн ноджы иу размæ арызт къахдзæф, нæ дыууæ бæстæты æхсæн эффективон æмкуысткæнынад фæарфдæрæн», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.