Гуырдзыстоны министрты кабинеты сконды дыууæ ног вице-премьер уыдзæн.
Хицауады администрацийы пресс-куысты информацийæ, премьер-министр Мамука Бахтадзейы скуыддзагæй, вице-премьертæй снысан сты Мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа æмæ регионон тынгады æмæ инфраструктурæйы министр Майя Цкитишвили.
Æмбæлон бардзырдты хицауады сæргълæууæг цъус рæстæджы размæ бафыста.