Гиорги Гахариа æмæ Венди Мортон Гуырдзыстоны территориты оккупацийæ цæугæ æртхъирæнтæ, регионон уавæр æмæ Сау Денджызы регионы Гуырдзыстоны рол æркастысты
Оккупацийæ цæугæ æтхъирæнтæ, регионон уавæр æмæ Гуырдзыстоны роль Сау Денджызы уæрæх регионы уыд сæйраг темæтæ, кæцытыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа æркастис Европæйы сыхы æмæ Америкæйы фарстыты Иугонд падзахады министр Уенди Мортонимæ абоны фæмбæлдыл.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, хицауады сæргълæууæг фæныхас кодта оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уæззау гуманитарон уавæрыл æмæ оккупацион тыхы провокацион архæйдтыл, сæ нымæцы, оккупацион хаххмæ хæстæг цæрæг æмбæстæгты æрцахстты факттыл. Ацы контексты бахахх ис Уæрæсейы оккупацион тыхты Гуырдзыстоны æмбæстаг Заза Гахеладзейы кæй æрцахстой, уыцы факт æмæ Цхинвалы де-факто тæрхондон йын æнæзакононæй ахст стæрхон кæныны уæзау факт.
Фембæлдыл хъусдард раздæхтой Гуырдзыстоны ролмæ Сау Денджызы уæрæх регионы контексты æмæ ацы æрдæм Иугонд Паддзахады æххуысы сæрмагонд нысаниуæгмæ. Ныхас цыд Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Паддзахады æхсæн дыфууæфарсон æмгуыстады дарддæры фæарфдæры æнæмæнгхъæуындзинадыл пост-брекситы этапыл. Позитивонæй аргъ скодтой Гуырдзыстоны æмæ Стыр Британийы æмгуыстадæн ахæм сферæты, цахæмдæр у киберæдасдзинад æмæ гибридон æртхъирæны ныхмæ тох.
Фембæлдыл ма афтæдæр банысан ис глобалон пандемийæ цæугæ тас. Премьер-министр сæрмагондæй бахахх кодта Иугонд Паддзахады роль вакцинæты глобалонæй рæувадат скæнынæн æххуысы.
Хицауады сæргълæууæг Венди Мортонæн раарфæ кодта Гуырдзыстонмæ визиты тыххæй æмæ бахахх кодта Иугонд Паддзахады фылдæр активон бастдзинады нысаниуæг, сæрмагондæй та регионы айтынггонд фæзындтæм гæсгæйæ.
Премьер-министримæ фембæлды фæстæ Иугонд Паддзахады министр Европæйы сыхы æмæ Америкæйы фарстыты, Гуырдзыстоны хицауады администрацийы хистæримæ иумæ, кризисты фæткдæттæг национ центрмæ фæуазæг ис, кæцы сæвзæрдис Иугонд Паддзахады æххуысæй.