Гиорги Гахариа æмæ Гуырдзыстоны Индийы минæвар, Индийы минæварады байгомы æмæ уæгъдибар базарады бадзырд бафыссыныл бадзырдтæ ауадзыны фарст æркастысты
Гуырдзыстоны байгом ис Индийы минæварад æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн уæгъдибар базарадон бадзырд бафыссыныл интенсивон бадзырдтæ уадзыны фарст æркастысты Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа æмæ Гуырдзыстоны Индийы республикæы минæвар, Кашан Ден Дюал фембæлдыл, кæцы хицауады администрацийы ацыд – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты ахæлиугонд информацийы мидæг дзырдæуы.
«Банысанис, ома æхсызгон у Индийы Республикæйы уынаффæ Гуырдзыстоны минæварад байгом кæныны фæдыл, уымæн æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн ахастытæ бонæй-бон фылдæр куы парахат кæнынц.
Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд дыууæ бæстæйы æхсæн базарадон æмæ экономикон ахастыты дарддæры фæарфдæр кæныны æрдæм, кæцыйæн нысаниуæгджынæй ахъаз уыдзæн уæгъдибар базарады фæдыл бадзырд бафыссын.
Индийы минæвар сбæлвырд кодта Индийы Республикæйы цæттæдзинад, бадзырдтæ уæгъдибар базарады бадзырд бафыссыны фæдыл интенсивондæр суа. Нырид фæцис нысанæмрастдзинады иртасын æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн бадзырдты фыццаг раунд, кæцыйы фæкуылымпы кодта пандеми, æввахс фидæны аццæудзæн», – банысангонд у премьеры пресс-куысты информацийы.