Гиорги Гахариа æмæ Азербайджаны экономикæйы министр дыууæфарсон экономикон æмгуыстады фарстатæ æркастысты
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Азербайджаны Республикæйы экономикæй министр Михаил Джабаровимæ фембæлд. Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фембæлды сæйраг темæ Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн экономикон æмгуыстады æвæрццаг динамикæ æмæ дыууæ бæстæйы стратегион партнерады сæйраг ардæмадтæ уыд.
Банысан ис, цæмæй бæстæты æхсæн цырдæй парахат кæны базарад æмæ дыууæфарсон инвестицитæ, афтæдæр æмгуыстад энергетикон кæлидорты æрдæм, логистикæйы æмæ транспорты сферæты.
Премьеры пресс-куысты хъусинагæй, зæгъгæ бахахх ис стратегион партнерады нысаниуæг æмæ дыууæ паддзахады æхсæн уæвæг æмразыдзинады бæрзонд æмвæзад, кæцы дыууæфарсон фарстаты оперативонæй аскуыддзагы фадат дæтты. Афтæдæр банысан ис, цæмæй æнтыстджын экономикон ахастытæ адарддæр уыдзысты, транспорты, транзиты, логистикæйы, бастдзинады æмæ энергетикæйы сферæты ног иумæйаг проектты сæххæст кæнын кæй пълан кæны уымæ æмбæлгæйæ.
Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийæ, Азербайджаны экономикæйы министры Гуырдзыстонмæ визит, Давосы Дунейы экономикон форумы фæлгæтты Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы æмæ Азербайджаны Республикæйы президент Ильхам Алиевы фембæлды дарддæрдзу уыд, кæцыйыл фарсытæ дыууæфарсон экономикон æмгуыстады боны фæткы уæвæг нысаниуæгджын фарстатæ æркастысты.