Гиорги Гахариа - Æхсæнадæмон партнертимæ æмгуыстад нын иттæг нысаниуæгджын у
Махæн иттæг нысаниуæгджын у æхсæнадæмон партнертимæ æмгуыстад, сæрмагондæй та реформæтæ ауадзыны цæстæнгасæй æмæ процессы дæр – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Премьер рабадтыл, ивгъуыд къуырийы Тбилисы ацæугæ доннорты конференцийы тыххæй фæныхас кодта æмæ банысан кодта, форум æнтыстджынæй кæй ацыд уый.
«Махæн иттæг нысаниуæгджын у æхсæнадæмон партнертимæ æмгуыстад, сæрмагондæй та реформæтæ ауадзыны цæстæнгасæй æмæ процессы дæр. Мах хицауады сæйраг приоритеттæ сты цырд экономикон рæзынад, куыстбынæттæ, ахуырады реформæ, афтæдæр цæй зæгъын æй хъæуы æдадсзинады сферæ æмæ æргом хицауиуæг. Ацы ардæмадты иууылдæ сты ахæм, кæцыты деталонæй æркастыстæм æмæ æххæст æххуыс райстам нæ партнерты æрдгæй ацы сферæты ауадзгæ реформæты цæстæнгасæй»- загхта Гиорги Гахариа.
Афтæма, премьер йæ хъусдард раздæхта адæймаджы барты хъахъхъæды стратегимæ.
«Хъуыды йæ кæниккат цæмæй нæ хицауады хъусдарды центры 2012 азæй фæстæмæ уыд адæймаг æмæ растдæр 2013 азы уæды премьер-министры, Бидзина Иванишвилийы барамындæй райдыдта адæймаджы барты дæргъвæтин стратегийыл куыст, кæцы кæронмæ сыххæст æмæ алкæцы реформæйы æрдгæй, алкæцы реформæ ауадзыны рæстæджы, адæймаджы барты стратегийыл уыд ориентагцигонд æнæхъæнæй. Ныр ацы аз мах райдайæм кусын адæймаджы барты дæргъвæтин стратегийы ног этапыл кусын» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уый иумæйаг куысты иттæг нысаниуæгджын формат у, премьер æрсидтис хицауады уæнгтæм, сæ компетенцийы фæлгæтты, активон хайад райсæт фæнысангонд процессы.