Гиорги Гахариа - ацы æвзæрстытæ ауадздзыстæм иуыл бæрзонд демокративондзинады гъæдмæ æмбæлгæйæ æмæ цæй зæгъын æй хъæуы «Гуырдзиаг Бæллицц» аккагæй фæуæлахиз уыдзæн рæстаг тохы
Мах ацы æвзæрстытæ ауадздзыстæм иуыл бæрзонд демокративондзинады гæъдмæ æмбæлгæйæ æмæ цæй зæгъын æй хъæуы «Гуырдзиаг Бæллицц» аккагæй фæуæлахиз уыдзæн рæстаг тохы. Ацы æнтыст бæстæйæн хъæуы – уый фæды Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Къоджорийы мажоритар депутаттæм кандидатты бавдысты мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы загъта.
Гиорги Гахариа куыд банысан кодта афтæмæй, «Гуырдзиаг бæллицц» абон райдаы æвзарæнон кампани æмæ бавдыста мажоритар кандидатты.
«Уырнæг стæм, цæмæй ацы кампанийы фæуæлахиз уыдзыстæм, ацы уæлахиздзинад уыдзæн бæстæйы æнтыст, уымæн æмæ бæлвырдæй зонæм, цавæр æртъхъирæны раз лæууы абон гуырдзыстон, зонæм, цы быцæусидтæн хъуамæ раттæм дзуапп рæхджы, эффективонæй æмæ нын ис конкретон пълан. 2020 азы æвзæрстытæм рацæуæм ног, бирæ прогрессивондæр æвзарæнон системæйæ. Алчи хъуамæ æмбарæм цæмæй пропорцион æвзарæнон системæйы кой дæр нæ уыдаит, 2012 азы æнтыст æмæ уый фæстæ æрвылбойнон демократийы , европаг æмæ рæстагдзинады хæзнатыл æнцойгæнæг бæстæйы арæзтад куы нæ уыдаит уæд. Уый тыххæй ма хъуамæ фрехо кæнæм цæмæй пропорцион æвзæрстытæ демократийы æнтыстимæ иумæ, у бæстæйы иттæг бæрзонд бæрн. Уый у политикон апртиты, медийы, æмбæстагон дзыллæйы æмæ æмбæстæгты бæрн, цæй зæгъын æй хъæуы нæхи дæр, ацы æвзæрстытæ ауадздзыстæм тынг бæрзонд денкмокративондзинады гъæдæй æмæ цæй зæгхын æй хъæуы «Гуырдзиаг Бæллицц» аккагæй фæуæлахиз уыдзæн рæстаг тохы. Ацы æнтыст хъæуы бæстæйы» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.