Гиорги Гахариа – 2020 азы бюджет у æмбæстæгтыл ориентацигонд, сæрмагондæй та уыдоныл, кæцытæн хъæуы хицæн æххуыс
2020 азы бюджет иунысанонæй здæхт уыдзæн нæ æмбæстæгты домæнтыл, – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Премьер социалон ифтонгадыл фæныхас кодта æмæ загъта, зæгъгæ паддзахадмæ ис позитивон хæсист, бакой кæна æхсæнады сæрмагондæй цыбыркъух фæлтæрыл.
«Социалон ифтонгады цæстæнгасæй, фæнды мæ зæгъын, цæмæй тынг хорз æмбарæм уый цæмæй, цалынмæ нæ экономикон рæзынад æнæмæнгхъæугæ æмвæзадмæ не схиздзæн, паддзахадмæ ис позитивон хæсист, бакой кæна æхснады сæрмагондæй цыбыркъух фæлтæртыл. Растдæр уый тыххæй 2020 азы бюджет иунысанонæй здæхт уыдзæн не мбæстæгтæм. Ацы бюджетмæ гæсгæйæ, алы пенсионерæн, афтæдæр фыццаг æмæ дыккаг къорды амалхъомдзинад цух уæнгтæн, пенси фæфылдæр уыдзæн 20 ларийæ, афтæдæр мæ хаххгондæй банысан кæнын фæнды, цæмæй 70 азы карæй хистæр пенсионертæн сæ пенси фæуæлдай уыдзæн 30 ларийæ, уæлхох районты цæрæг пенсионертæн, кæцытыл 70 азы сыххæст, æрвылмæййон пенси уыдзæн 300 ларийыонг, æххæст мыздлæвæрдæй кусæг ахуыргæнджытæн сæ мыздтæ афæдзы дæргъы фæуæлдай уыдзысты 300 ларийæ. Мах цалдæр хатт банысан кодтам æмæ афтæдæр мæ фæнды хаххгондæй зæгъын, 2020 азы бюджет у æмбæстæгтыл ориентацигонд æмæ сæрмагондæй та нæ æхсæнады уыцы фæлтæртыл, кæцытæн хъæуы сæрмагонд æххуыс. Ахæмтæ сты сывæллæттæ, афтæдæр пенсионертæ, дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, барадхъахъхъæнджытæ æмæ æфсæддæттæ. Ацы азы бюджетмæ гæсгæйæ, æмбæлонæй мызды рæзт уыдзæн куыд рæвдауæндæтты ахуыргæнджытæн, ææнæаргъæвгæ медицинон æххуысы æмæ хъæуты кусæг дохтыртæн, пъæлицæйæгтæн æмæ культурæйы архайджытæн», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.