Гиорги Гахариа – 2019 аз уыдис æфсæст, куыд быцæусидытытæй –афтæ æнтыстытæй
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хицауады абоны рабадтыл 2019 азы схатдзæг кодта.
Премьер-министры дзырдæй, цæугæ аз уыдис тынг динамион æмæ æфсæст укуыд быцæусидтытæй, афтæ æнтыстытæй.
Гахариайы дзырдæй, зæгъгæ хъыгагæн, абоны онг Гуырдзыстоны сегасæй ахсджиагдæр быцæусидт у оккупаци.
«Абоны онг, Гуырдзыстоны террториты 20 процент сты оккупацигонд æмæ уый у иттæг нысаниуæгджын арæнæвæрд, 20 процентджын арæнæвæрд нæ адæймагон капиталы айтынгæн æмæ бæстæйы потенциалы фæстæдæр айтынгæн. Иттæг нысаниуæгджын у, алкæцы дæр нæ зæрдыл дарæм, цæмæй не æмбæстонтæ оккупацион хаххы дыууæ дæр рдгæй цæрынц. Амондæн, сабырæй фæцис гуырдзиаг дохтыры ахст, фæлæ нæ мачи хъуамæ рох кæна, цæмæй не æмбæстонтæ оккупацигонд хаххы дыууæдæр рдгæй æрвылыбононæй ацы ныхмæлæуды раз лæууынц æмæ абон, хъыгагæн ахалгойрæгтæн æххæстæй арæнæвæрд у змæлды сæрибардзинад, уый у гуаманитаронæй тынг уæззау уавæр», -райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, уæззау быцæусидтытæн хицауады æмæ æхсæнады дзуапп у уый, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр хай, æмхъæлæсонæй разы сты бæстæйы евроатлантикон интеграциимæ.