Гиорги Бачиашвили - аххосджын нæ дæн, фыдракæнд дæр никуы сыххæст кодтон, уый тыххæй дæр зынæмбарæн у цæмæн дæн ацы процессы
Æмнинвестирдзинады фонды раздæры къухдариуæггæнæг Гиорги Бачиашвили хъусын кæны, цæмæй бавдыст аххосагы йæхи зылынджыныл нæ нымайы.
Бачиашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ кæд йын тæрхондон арæныл ахизыны бар нæ ратдзæн, уый йæ бизнесæн стыр зиан æрхæсдзæн.
«Аххосджын нæ дæн. Фыдаркæнд никуы сыххæст кодтон. Уый тыххæй дæр бæрæг нæу, цæмæн дæн ацы процессы, иу гоймаг мемæ дауу кæны, цыма дам цыдæр уыдис. Криптовалютæйы тыххæй куы зæгъæм, уый у нормалон бизнес, кæцыйы архайын фæстаг 10 азæй фылдæр. Не мбарын, куыд ис гæнæн уый нымад цæуы фыдракæндыл. Арæныл ахизыны тобæ мæ бизнесæн стыр зиан æрхæсдзæн», – райхъусын кодта Гиорги Бачиашвили.
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ стыр нымæцæй криптовалютæйы æнæзакъононæй хибакæныны æмæ æнæзаконон æфтиагы легализацийы фаткыл æминвестирдзинады фонды раздæры къухдариуæггæнæг, Гиоррги Бачиашвилийы ныхмæ, барадон сурын райдыдта. Прокуратурæ зылынмæ лæвæрд Гиорги Бачиашвилийæн æртæ милуан ларийы бæрц цъынды бафидын стæрхон кæнын домы.