Гиги Угулава – Куыд фæбæрæг афтæмæй, райсомæй Вани æмæ Хонийы мажоритар депутат уыдзæн Гиви Чъичъинадзе
Гиги Угулава – Куыд фæбæрæг афтæмæй,  райсомæй Вани æмæ Хонийы  мажоритар депутат уыдзæн Гиви Чъичъинадзе

«Бакрадзе, Угулава –Европаг гуырдзыстоны»  кандидат  парламенты æхсæйнаг  æвзæрстыты  Гиги Угулава   дзырд дæтты, цæмæй  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  кандидатæн, кæцы  æвзæрстыты  фæразæй ис,  иннæ  дыууæ  азы  дæргъы йын  пенсийыл уæвыны  фадат нæ ратдзæн.

Угулава  хъусын кæны,  цæмæй  хъæуты йын зæгъгæ  уыд фылдæр фарсхæцджытæ. Гиги Угулава йæ  фарсхæцджытæн   æууæнкы  тыххæй  бузныг дзуры.

«Фыццаджы дæр   мæ фæнды бузныг зæгъын  Вани æмæ хонийы  алы цæрæгæн, чидæриддæр   æвзæрстытæм бацыд  уыдонæн.  Сæрмагонд бузныг та  мæнæн  чи схъæлæс кодта, чи мыл баууæндыд  уыдонæн æмæ æз та  мæхи æрдгæй  алы амæлттæй  бацархайдзынæн  цæмæй  сæ ныфсытæ  фæраст уой.

Бирæ  хъæуты мах  фæуæлахиз стæм  æмæ  хъыгагæн сахарты та мобилизацигонд у «Гуырдзиаг Бæллиццы»  администрацион ресурс –  фылдæр уый  хардзыл  нырид цалдæр аз у æвзæрстыты манипуляци кæны «Гуырдзиаг Бæллицц».  Уымæ ма  æфтыд у  тынг хъыгаг æмæ  фæдисон   цыдæр,  фæстаг  дыууæ боны дæргъы,  æрцæуынц  бирæ  сау  хуыз  джиптæ  хцайæ  едзаг  æмæ  сеппæтæй  цъаммар  ми кæнынц – манипуляци кæнынц  алкæмæй  мæгуырдæр цæрджытæй»- банысан кодта Гиги Угулава.

Угулавайы ныхстæм гæсгæ,   хонæгты æмæ ванæгты фарсмæ кæддæриддæр лæуудзæн.

ЦÆК-ы     развæлгъау бæрæггæнæнтæй,   Вани  æмæ Хонийы  54  æвзарæнон  зылды  уаггъд  æхсæйнаг парламентон  æвзæрстыты  «Гуырдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстоны»  кандидат Гиви  Чъичъинадзе райста хъæлæсты   57,86%, «Бакрадзе, Угулава –Европаг Гуырдзыстоны» кандидат  Гиги  Угулава та  38, 38 %.