Гига Бокериа – «Националон Змæлды» уагахаст, æнæпринцип, æнæфæдфæдылон, политикон пайда кæй нæй, гъе раст уый у Иванишвилийы режимæ къухаразæг
«Националон Змæлды» уагахаст у æнæпринцип, æнæфæдфæдылон, политикон пайда кæй нæй, растдæр уый у статускво æмæ Иванишвилийы режимæн къухаразæг, – уый фæдыл «Европаг Гуырдзыстоны» лидер, Гига Бокериа райхъусын кодта.
Бокъериай фидиуæнæй, зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллиццæн» къухаразæг у уый, цæмæй «Националон Змæлды» равдиса иунæг альтернативæйæ.
«Уый куы нæ фæива, режимы басæттын æмæ бæстæ ацы цъымарайæ ысласын гæнæн нæ бауыдзæн, кæнæ та уыдзæн иттæг вазыгджын, кæнæ та æгæр зынаргъ сбаддзæн. Быцæудзинад «Националон Змæлды мидæг, афтæ куыд ацы партийы мидæг фæстаг азты дæргъы цæугæ алы фæзынд, у уый бæлвырдгæнæн, ома ницы аргъдзинæдтæ, ницы цæстæнгас, дискусси, цыфæнды бындурон фарстайыл нæй. Æрмæст персоналон быцæудзинад, цъыф калын, хахуыр хæссын кæрæдзиуыл. «Гуырдзиаг Бæллицц» цахæм у, раст ахæмтæй фестадысты ацы адæймæгтæ», – райхъусын кодта Бокериа.