Гиа Вольский – Æхсæнадон Телеуынынадæн  рекламæйы бар æмбæлы  æхсæнады  интерестæм гæсгæ
Гиа Вольский – Æхсæнадон Телеуынынадæн рекламæйы бар æмбæлы æхсæнады интерестæм гæсгæ

Парламенты вице-спикеры Гиа Вольскийы информацийæ, закъондæттæг органæн  «Уацхæссынады фæдыл»  закъондæттæн   пакетыл   президенты бавдыст  мотивиргонд фиппаинæгты æркæсынæн, æмгъуыд  6-æй 26-æм февралы онг  ис.

Журналисттæн Вольский куыд  загъта афтæмæй,     февралы  дæргъы  фарстыл   юридикъон  фарстыты комитет фæуынаффæ кæндзæн æмæ  фæткдæттæг  бал  аскуыддзаг кæндзæн, пленарон   рабадтыл  кæд æркæсдзысты  ивындзинæдтæ уый.

«Ацы æркасты   рæстæджы бацархайдзыстæм,  нæхи аргументтæ ноджы иу  хатт   бавдисæм  уый фæдыл, цæмæй  коммерцион рекламæ  прайм-тймы  æмæ сабат-хуыцаубоны  нæ вæййы.  Æхсæнадон Телеуынынадмæ рекламайы бар куы уа, уый æмбæлы æхсæнадон   интерестæм, æмæй   критикон  æмæ  техниконæй рæвдзвадат    телеуынынад уа,  кæцы  кусдзæн дзыллæйы пайдайæн æмæ нæ  искæцы   партийæн» –   расидтис Гиа Вольский.