Гиа Барамидзе – æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ  у нæ нысан, æндæр алцыппæт дæлахъазон у
Гиа Барамидзе – æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ у нæ нысан, æндæр алцыппæт дæлахъазон у

«Националон Змæлды» уæнг Гиа Барамидзейы  фидиуæнæй,   бæстæйы  Бидзина Иванишвилийы руаджы  аразгæйæ  кризисы ифтыгъд суадзынæн хъæуы æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ.

Барамидзе дзуры, цæмæй   «Националон Змæлды» сæйраг нысан у æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ, æндæр  алцыппæт дæлахъазон у зæгъгæ.

«Оппозицийы æмæ сæрмгаондæй «Националон Змæлды»  ахаст  æнæхъæнæй  ацы процессмæ   нæ дзыллæйæн  бæрæг у.  Цыдæр  ичъигæнæг фæндты  тыххæй  нæ тох кæнæм.  О, ныр сæхæдæгдæр куы басастысты, афтæ бæстæйы  ис  аразгæ  кризис, кæцыйы  сæвзæрын кодта Бидзина Иванишвили, тыхмидзинады æмæ  фальсификацийы  фæрцы куы  бафæрæзта æмæ  йæхи бакодта парламентон фылдæрты, кæнæ  хицаудзинад.

Уый тыххæй дæр, цæмæй  аразгæ  кризисыл фæтых уæм  æмæ  ифтыгъд суадзæм, уымæн хъæуы æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ. Уый у нæ сæйраг нысан, æндæр алцыппæт у дæлахъазон, уымæн æмæ  бæстæйы  политикон  кризисыл куы нæ фæтых уæм, уæд хъыгагæн  ноджы  фæзындæр уыдзæнис  уыцы  уавæр,  кæцыйæ фæлмæцы нæ алы  æмбæстаг – экономикон  проблемæтæ, æгуыстдзинад, мæгуырдзинад, ларийы къурс, ныфссастдзинад.  Ацы проблемæтæ нæ  алыг уыдзысты æрмæст уыцы æртæ пункты  реализацийæ, кæцыйыл дæр цæуы ныхас», – райхъусын кодта Гиа Барамидзе «Тв Пирвели»-йы  эфиры.