Ника Мелиа – Гуырдзыстоны хъуамæ снысан уа æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстытæ
Ника Мелиа – Гуырдзыстоны хъуамæ снысан уа æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ

«Националон Змæлды»  сæрдар Ника Мелиайы фидиуæнæй,  сырæзт  политикон кризис ифтыгъд суадзынæн, Гуырдзыстоны  хъуамæ снысан уа  æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстытæ.

Мелиайы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  «Гуырдзиаг Бæллицц» ницы аразы, цæмæй  бæстæ райса   Евроцæдисы  кандидаты  статус. Уымæ æмбæлгæйæ, æнæмæнгхъæугæ у,  æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ æмæ   «Националон Змæлды»  архайд уыдзæн   ацы нысанмæ æрцæуынæн.

«Æмбæстæгтæн бавдисдзыстæм  цæстæнгас, цы  къахдзæфтæ  хъуамæ уа арызт æввахс мæйты  Евроцæдисы  кандидаты статус райсынæн. Бæрæг у, цæмæй нæ  хæлæрттæ   фæстагмæ  ахицæн кодтой, цæмæй  уырыссаг бæллиццы  уавæрты, Гуырдзыстоны  аздæхтис ныгуылæйнаг фæндагæй  æмæ уырыссаг  ориентыр сывзæрста  фæстагмæ.  Æргомæй  зæгъæм, се рдгæй ахæм ахаст нæ уыд  2020  нæдæр 2021 азты.  Ацы змæлды фæстиуæгæн, уæрæх æхсæнадон   бастдзинадæй æмæ æхсæнадæмон  æлхъывд генерацийæ,   политикон   активондзинæдты æмæ  протесты рæзгæ  масштабты интенсивондзинадæй, тыхыбын хъуамæ бакæнæм  хицауад,  снысан кæна æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстытæ», – райхъусын кодта  Ника Мелиа.