Германийы парламенты сæрдар Евроцæдисы æфсады сарæзт куры

Германийы парламенты сæрдар Евроцæдисы æфсады сарæзт куры

Уый фæдыл информаци «Дойче веле» парахат кæны.

Вольфганг Шойбле сиды, цæмæй дунейы уæвæг тæссагдзинæдтæм æнæкæсгæ Евроцæдис æфсæдтон-политикон æмкуыстдзинад хъуамæ фæтыхджын кæна.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, мах хъæуы европон æфсад» – банысан кодта Шойбле.

Афтæ дæр Бундестагы сæрдар сиды, цæмæй Евроцæдисы хъахъæд æмæ  æдасдзинады сферайы  «æнæмæнг» æмæ « реалистонæй» кæрæдзийы нæ бæлвырд кæнынц.  Парламенты сæрдар прогресæй схуыдта ног европон хъахъæдон цæдис PESCO.

PESCO (Permanent Structured Cooperation) – Евроцæдисы бæстæты бадзырд у хъахъæд æмæ æдасдзинады сферайы æмкуыстдзинады фæдыл. PESCO 2017-æм азы Евроцæдисы 23 бæстæйы æскъуыддзагæй сырæзт.