Германийы  хицауад   интернеты фыдзæрдæ 'взагы тыххæй  закъонопроектæн йæ фарс рахæцыд
Германийы хицауад интернеты фыдзæрдæ 'взагы тыххæй закъонопроектæн йæ фарс рахæцыд

Германийы  хицауад интернеты   фыдзæрдæ ‘взагы тыххæй  закъонопроектæн  йæ фарс рахæцыд.   Инициативæ   социалон ‘взæгты   платфомæты хæсджын кæны,   æнæзакъонон контенты  фæдыл  барадхъахъхъæнæг  органтæн   фехъусын кæнын.  Сæрмагондæй та  ныхас  цæуы   амарынæй  æртъхъирæны, фыдзæрдæ ахаст сцырын кæнын æмæ   æндæр  хуызы  контенты  фæдыл.

Германийы  юстицийы министр   Кристина Ламбрехт  куыд банысан кодта афтæмæй,  ног закъондæттæг  пакеты райстæй,   хицауад  фыдзæрдзинады бындурыл фыдракæнды  ныхмæ  тох  тыхджындæр кæны.

Закъон скуысты онг  уый нырма  Германийы  парламенты  дыууæдæр палатæ  хъуамæ бафыссой.

Германийы  хицауад  нæ разы кæны критикты  хъуыдыйимæ, ома  зæгъгæ  закъон, гæнæн ис,  цензурæйæн  фегом  кæна  фæндаг.