Германийы хицауад Гуырдзыстонæн 3 милуан евройы бæрц грант рауæлдай кодта
Гуырдзыстоны Германийы минæварады хъусинагæй, 30 ноябры Гуырдзыстоны финансты министр, Лаша Хуцишвили æмæ Германийы Реконструкцийы Кредитон Банкы (KfW) Хуссар Кавказы офисы къухдариуæггæнæг Биргит Холдрейд-Крес къух бафыстой бадзырдыл, Германийы хицауады финансгонд 3 милуан евройы бæрц грант рауæлдай кæныны фæдыл. Минæварады хъусинагæй, суммæ бахардз уыдзæн ковид-пандемийæ зианбавзарæг бинонтæн социалон æххуыысыл. Ацы грант бафтаудзысты ивгъуыд азы пандемийы ныхмæ тохы тыххæй нырид рауæлдайгонд æххуысмæ, кæцыйы бæрц уыд 5,8 милуан евро æмæ 15 милуан евройæ ныллæгпроцентджын кредитæй.
Минæварады банысан кодтой, цæмæй ацы æххуысы нысан уыд Гуырдзыстоны уыцы бинонтæн экономикон фæстиуджытæ фæрогдæр кæнын, кæцытæ ковид-пандемийы тыххæй фæцух сты æфтиагæй.
Райрæзгæ суммæйæ сфинанс уыдзæн 135 минæй фылдæр фидтон социалонæй цыбыркъух бинонтæн. Ацы рæстæджы 2020 азы лæвæрд кредиты фæрцы гæнæн уыдзæн, сыххæст уа æгуыст æмбæстæгтæн æххуысы 280 минæй фылдæр фидтон бафидын æмбæлгæ уæнгтæн. Ацы æххуыс йæ хайбавæрд скæндзæн æнæрмæст бирæ хæдзары бинонты социалон хъахъхъæды хуъыддаджы, фæлæ ма социалон хъахъхъæды системæ стынг кæныны.