Германийы Бундестагы президент – Германи   йæ фарс  хæцы   Гуырдзыстонæн Европаг фæндагыл
Германийы Бундестагы президент – Германи йæ фарс хæцы Гуырдзыстонæн Европаг фæндагыл

Германийы  Бундестагы  президент, Бербел Басы фидиуæнæй, Германи йæ фарс хæцы  Гуырдзыстонæн  Европаг фæндагыл.

Бербел Бас  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвилиимæ  иумæйаг  фидиуæны рæстæджы куыд  банысан кодта афтæмæй,  Германи æмæ Гуырдзыстоны  партнерон  ахастытæ ис бирæ сферæйы æмæ парламенттæ æнгом  æмкуыст кæнынц.

«Нæ бæстæтæн  партнерон ахастытæ  ис бирæ сферæты.  Нæ парламентаритæ  æнгом æмкуыст кæнынц.  Германийы Бундестагы  æххуыс бирæгъуызон у, дæнцæн,  хурыскæсæн   партнерады фæлгæтты  «GIZ»-имæ иумæ, мах æххæст кæнæм  æндæр æмæ æндæр проекттæ æмæ ацы проекттæ  фылдæр интенсивон  суыдзысты.  Берлины æмгуыстад дарддæр кæны  парламенты къухдариуæггæнджыты  æхсæн.  Стыр рæстæг у, Германи  æххæст кæны парламентон   стипендийы  программæ.  Уæрæсейы хæст Украинайы  сæрмагондæй  фæзындис  Гуырдзыстоныл æмæ уый у  иуæй-иу æфсон, цæй тыххæй  дæр  æрцыдтæн  Гуырдзыстонмæ. Гуырдзыстоны   зонынц, цы нысан кæны  уырыссаг агресси. Сом абалц кæндзынæн администрацион хаххы  цурмæ» –  райхъусын кодта  Бербел Бас.

Уыимæ, Бербел Басы дзырдæй, «Прайды  фестивалы» фехалыны  архайд,   халы  æмбырды  сæрибардзинад, къаддæрдæрты  бартæ.

«Ивгъуыд  азы   Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыд Евроцæдисы  уæнгсуæвыны  перспективæ.  Уый  у  дырыс  перспективæ  Гуырдзыстонæн,  кæцы сæрмагондæй  мæнæн иттæг  нысаниуæгджын уыд. Мæнæн  иттæг тæлмæнгæнаг  у  уый, цæмæй Гуырдзыстоны  цæрджтæ Европæгтæй  нымайынц сæхи, фæлæ «прайды фестивалы»  фехадыны архайд нæ уыд дзæбæх  хабар.  Уый халы  æмбырды  сæрибардзинад, къаддæрдæрты  барты æмæ ацы бартæ  сты Ервопаг   хæзнаты иуæй-иу   скæнæг  хай.  Фæнысангонд  фарстамæ æндæр фембæлдтыл дæр æрыздæхдзынæн, фæлæ  Гуырдзыстоны   ныфсджын кæнын, цæмæй   дарддæр кæна æмæ сыххæст кæна ацы реформæтæ.  Германийы  номæй  дзурын, цæмæй Германи йæ фарс  хæцы  Гуырдзыстонæн  европаг  фæндагыл» – райхъусын кодта Бербел Бас.