Германийы Бундестаг Гуырдзыстоны æдас бæстæйæ схуыдта

17:59, 18.01.2019

Германийы Бундестаг Гуырдзыстоны æдас бæстæйæ схуыдта

Германийы Бундестаг йæ фарсыл рахæцыд хицауады планæн, кæцы Гуырдзыстон æмæ æртæ цæгат африкаг бæстæты – Алжир, Марокко æмæ Тунисæн æдас бæстæйы статус ратта. Информаци уый фæдыл «Дойче Велле» парахат кæны.

Законпроектæн Бундестагы 509 уæнг рахæцыд йæ фарсыл.

Германийы мидхъуыдтæгты министры ныхасмæ гæсгæ, Гуырдызстон, Алжир æмæ Марокойы æмæ Тунисы æмбæстæгтæн политикон статусы райсты æркуырд тынг чысыл нымæцæй у. Сæрмагондæй Гуырдызстонæн æрмæст 0, 3% райста райгонд дзуапп.

Бундестагы халæппæрст 15-æм февралы у плангонд.

Хуыздæр