Германийы бундестаг бæлвырд кæны фарсхæцын Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украинайæн Европаг фæндагыл
Германийы бундестаг бæлвырд кæны йæ фарсхæцын, Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украинайæн Европаг фæндагыл, – уый æдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны Германийы минæварад.
Минæварады хъусинагæй, Германийы парламент 2022 азы 28 апрелы райста резолюци, «Бахъахъхъæнæм сабырдзинад æмæ сæрибардзинад» æмæ уым парламент разы у Германийы Федерацион хицауады Украинайæн æххуысимæ, кæцы афтæдæр æххæссы уæззау хæцæнгарзæй ифтонгадмæ.
«Уый фæдыл Бундестаг бæлвырд кæны, Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн фарсхæцын «сæ европаг фæндагыл». Парламенты хъуыдыйæ, Евроцæдисы фæдыл бадзырды 49-æм статийы домæнты сыххæст Евроцæдисы уæнгдзинады разæууæл у», – банысангонд у Германийы минæварады информацийы.