Германийы федерацийæн ног коалицион хицауад ис. Информацийы анонимон тадзæнæлы æнцойæ хъусын кæны информацион агентад Reuters æмæ немыцаг рауагъдад Spiegel. Бундестагы нырма официалон фидиуæнтæ нæ сырæзт.
Ангела Меркелы «Чырыстон-Демокративон змæлд» æмæ Мартин Шульцы «Социал-деомкративон партий» уыцы фарстытыл сразы сты, кæцытæ сæ 4 мæйы дæргъы куылымпы кодтой коалицийы саразын.
Сессий «Чырыстон-Демократты» æмæ «Социал-Демократты» æхсæн, цалдæр сахат аххæссыд, кæцы æхсæвы рæгмæ фæцис. Сæумæрайсом та фæстæмæ сног ис.