Ангела Меркъел постæй хи суæгъд кæныны азымдзинæдтæ нæ уыны
Ангела Меркъел постæй  хи суæгъд кæныны азымдзинæдтæ  нæ уыны

Ангел Меркъел дзуры, цæмæй  æнæнтыст  бадзырдтæм æнæкæсгæ, йæ  куыстæй хи суæгъд кæныны аххос нæ уыны.

Германийы  канцлер  бæстæйы  сырæзт политикъон  кризисæй  рацæуæнæй  нымайы ног   æвзæрстытæ саразын.  Меркъелы дзырдæй,  коалицийы  формир кæныны  æнæфæстиуæг   архайды фæстæ, хуыздæрыл нымайы  бæтæйы политикъон  фидæн,  фæлхатгæ  хъæлæскæнынæй  аскуыддзаг кæной адæм.

Æртæ партийы – «Чырыстон-Демократтæ», «Сæрибар Демократтæ»  æмæ «Цæъхты партий»  4 къуырийæ фылдæр  рæстæг  архайдтой  хъауджыдæргонд  ахастыл фæтых уын  мимграцийы, климаты, экологийы  æмæ фиддонон системæйы  фæдыл.

Германийы   президент Франк Ваьтер Штаймайер, либералтæн, кæцытæ консерватортимæ коалицийыл  не сразы  сты  æмæ  бадзырдтæй рацух сты,  се скуыддзагыл ноджы  иу хатт ахъуыды кæнын амоны.  Штайнмайер   партитæм Германийы  хорздзинады  тыххæй, компромиссмæ  æрсидтис.

Сырæзт уавæр  Ангела Меркъелы  12  азон  канцлерæй  уæвыны  дæргъы   сегасæй кризисон у.

Æвзæрстытæ Гермайы  ацыдысты   сентябры.