«Georgian Airways» – Тбилис-Тель-Авив-Тбилисы здæхты 16 æмæ 17-æм июны плангонд рейстæ урæд æрцыдысты, бæлццæттæн уыдзæн фадат сæ билеттæ баивын кæнæ та æхца фæстæмæ райсын
«Georgian Airways» – Тбилис-Тель-Авив-Тбилисы здæхты 16 æмæ 17-æм июны плангонд рейстæ урæд æрцыдысты, бæлццæттæн уыдзæн фадат сæ билеттæ баивын кæнæ та æхца фæстæмæ райсын

«Georgian Airways» æввахс скæсæны уавæрмæ гæсгæ, бæлццæттæм сиды.

«Фæнды уын хъусын кæнæм, цæмæй Тбилис-Тель-Авив-Тбилисы здæхты 16-æм æмæ 17-æм июны плангонд рейстæ æдасдзинады аххосæгтæм гæсгæ урæд æрцыдысты, бæлццæттæн, кæцытæ ацы рейстæм ныридæгæн балхæдтой билеттæ, лæвæрд цæуы фадат сæ билеттæ раивын, кæнæ та сæ фæстæмæ æрыздахын.

«Georgian Airways» Тель-Авивæй дарддæр ма æнæкъуылымпыйæ æмæ графикмæ гæсгæ æххæст кæны планон рейстæ æндæр нысаниуæгджын бынæттæм», – ис фыст компанийы фидиуæны.