Италийы полиц сахар Генуайы цы хид ныккалдис уыцы хъуыддагыл 10 адæймаджы æрцахста. Информацийы хъусын кæны «Анса».
Ахæстты æхсæн сты техникон специалисттæ æмæ италиаг компани «Аспи да Спеа»-ы менеджертæ. Растдæр уыцы компани у кæцы хид самадта. Полици компанийы офисы джигул ныридæгæн ауагъдта.
Цæуы уыцы объектты асгæрст, кæцыты ф æнысангонд компани самадта. Уыдонæй иуæй-иу ис растдæр сахар Генуайы.
Италийы сахар Генуайы хид ивгъуыд азы агусты ныккалдис. Æнамонд цауы фæстиуæгæн фæхъуыд 43 адæймаг.