Генералон прокуроры фыццаг хæдивæг Гиоргий Бадашвили фембæлд Европæйы Советы адæймаджы барты фæдыл комиссар Майкл О’Флаертимæ
Генералон прокуроры фыццаг хæдивæг Гиоргий Бадашвили фембæлд Европæйы Советы адæймаджы барты фæдыл комиссар Майкл О’Флаертимæ

Гуырдзыстоны генералон прокуроры фыццаг хæдивæг Гиоргий Бадашвили Евросоветы адæймагы барты комиссар Майкл О’Флаертиимæ фембæлд.

Генералон прокуратурæйы ауагъд фембæлдыл хайад райстой сæрмагонд фæдагуырдон службæйы фæдагуырды процессуалон къухдариуæгады хайады хистæр Гулуашвили Амиран, æхсæнадæмон ахастыты æмæ юридикон æххуысы департаменты хистæр Чилингарашвили Ираклий, адæймаджы барты хъахъхъæды департаменты хистæр Саломе Шенгелия , æмæ адæймаджы барты фæдыл æххæстгæнæджы офисы минæвæрттæ.

Фембæлдыл, адæймагы барты фæдыл комиссары аппараты минæвæрттæ цымыдисдзинад расидтысты Гуырдзыстоны фæстаг рæстæджы уагъдцæуæг протестон акциты рæстæджы ахстгондты ныхмæ барадон процессмæ, кæцыйы фæдыл генералон прокуроры фыццаг хæдивæг Гиоргий Бадашвили æххæст информаци бавдыста.