Гъарибашвили Ираклий Нетаньяху Биньяминæн – иннæ аз райдадзыстæм бадзырдтæ уæгъдибар базарадон бадзырд бафыссынæн æмæ иурæстæгонæй тынгдæр кæнынц нæ экономикон, хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады æрдгæй цæдистæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Израилы паддзахады премьер-министр Нетаньяху Биньяминимæ фембæлды кой кæны социалон хызаг «Твиттеры».
Хицауады сæрдары дзырдæй, фембæлдыд дыууæфарсон ахастытимæ баст æнæхъæн рæнхъ фарстатæ æркастысты.
«Æхсызгон мын у премьер-министр Нетаньяху Биньяминимæ фембæлын Израильмæ мæ визиты фæлгæтты. Дыуæфарсон ахастытимæ баст рæнхъ фарстатæ æркастыстæм фембæлдыл. Иннæ азы райдайдзыстæм бадзырдтæ уæгъдибар базарадон бадзырд бафыссынынæн æмæ ацы периоды та тынгдæр кæны нæ экономикон, хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады æрдгæй цæдистæ. Арфæгæнæг дæн Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады фарстаты Израилы фарсхæцыны тыххæй», – банысан кодта Ираклий Гъарибашивли.