Габриелиус Ландсбергис - Гуырдзыстоны кæд фæнды Евроцæдисы фæндагыл баззайын, уæд иу къахæй Мæскуыйы  никуыд лæудзæн
Габриелиус Ландсбергис - Гуырдзыстоны кæд фæнды Евроцæдисы фæндагыл баззайын, уæд иу къахæй Мæскуыйы никуыд лæудзæн

Габриелиус Ландсбергис – Гуырдзыстоны кæд фæнды Евроцæдисы фæндагыл баззайын, уæд иу къахæй Мæскуыйы  никуыд лæудзæн.

Уый фæдыл Лиетувайы æддаг хъуыддæгты министр пресс-конференцийыл расидтис.

Гуырдзыстоны фыццаг каналы фарстайыл, ис æви нæ шанс, ветойы рæстæджы, закон фæива афтæ æмæ  алы фарсæн райсгæ уа, Лиетувайы æддаг хъуыддæгты министр банысан кодта:

«Тынг нысаниуæгджын у ууыл ныхас, цæмæн у снысангонд закон хъæугæ æмæ растдæр уый фæдыл фæныхас кодтон мæ фидиуæны. Кæд план кæныс райсай закон, кæцы у здæхт æнæхицауадон организациты ныхмæ, кæцытæ ныхас кæнынц хицауады ныхмæ æмæ уый дæ зæрдæмæ нæ цæуы, дæ бон у фæивай уый, дæхи куыд фæнды афтæ, фæлæ кæд сæйраг нысан æцæгæйдæр афтæ у, уæд уый демократион закон нæу.

Пресс-конференцийыл расидтæн, кæй нæ фæивдзыстæм уый, кæцы фундаменталонæй саст у. Алкæмæн дæр нæ ис законтæ, кæцытæ биноныг кæнынц фидинæгты фарстатæ, фæсарæнæй æрвыст финанстæ æмæ а.д, фæлæ махмæ нæй закон, кæцы уыдзæн здæхт уыдоны æрдæм, кæцытæ дæ ныхмæ ныхас кæнынц. Нæй гæнæн консенсусмæ баххæсын, кæд иу фарс демократион Гуырдзыстон курынц -иннæ фарс та æндæр. Мах сидæм, Гуырдзыстоны кæд фæнды Евроцæдисы фæндагыл баззайын, уæд иу къахæй Мæскуыйы  никуыд лæудзæн», – банысан кодта Габриелиус Ландсбергис.